Балчик
Балчик (болг. Балчик) у цæгат-скæсæйнаг Болгарийы сахар Сау денджызы былгæрон. У Добричы облæсты туризмы артдзæстæй иу. Цæрынц дзы 13 065 адæймаджы. Уырнджытæй фылдæр хай сты православон, сахары кусынц 4 аргъуаны.
Сахар | |||||
Балчик | |||||
---|---|---|---|---|---|
болг. Балчик | |||||
|
|||||
43°25′ с. ш. 28°10′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Болгари | ||||
Облæст | Добричы облæст | ||||
Хъæубæстæ | Балчик | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Фæзуат |
|
||||
Центры бæрзæнд | 199 м | ||||
Сахатон таг | UTC+2:00, сæрды UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ |
|
||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +359 579 | ||||
Посты индекстæ | 9600 | ||||
Автомобилон код | ТХ | ||||
balchik.bg(болг.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Балчик цы регионы æрбынат кодта, уый зындгонд у куыд Хуссар Добруджæ.
Балчик у болгайраг революционер Наско Боевы райгуырæн сахар. Уым ма райгуырдысты актёртæ Веселин Ранков æмæ Красимир Ранков. Нырыккон болгайраг фысджытæ Петрушкæ Костова æмæ Дианæ Трифонова цæрынц уым.
Нæмттæ
ивынБалчикæн йæ историон нæмттæ сты:
- болгайраг: Балчик;
- историон болгайраг — Карвуна;
- бердзенаг: Κρουνοι (Круной), Διονυσοπολις (Дионисополис, ома «Дионисы сахар»).
Порт
ивынБалчик у Болгарийы æртыккаг стырдæр порт Бургас æмæ Варнæйы фæстæ. Портмæ фæцæуынц астæуккаг асы пассажирон æмæ уæзласæн наутæ.
Экономикæ
ивынЭкономикæйы бындур у туризм. Фæлладуадзæг адæмæн сæ фылдæр сты Уæрæсе, Украинæ, Чехи æмæ Скандинавийæ. Æндæр ахсджиаг экономикæйы къабæзтæ сты хъæууон хæдзарад æмæ транспорт.
Галерей
ивын
-
Румынаг къаролы усы галуан
-
Галуаны парк
-
Бæлæгътæ
-
Дидинджытæ
-
Хæдзар
-
Хæдзар
-
Аргъуан
-
Сахары уынд
-
Порт
Æрвитæнтæ
ивын- Балчик — хъæубæстæйы сайт
- туризмы информаци Архивгонд æрцыдис 26 октябры 2008 азы.