Барзыхъæу
Барзыхъæу[2] (уырыс. Барзикау) у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Барзыхъæу æрбынат кодта Фыййагдоны рахизфарс, ныры Уæллаг Фыййагдонæй чысыл цæгатырдæмдæр.
Хъæу | |
Барзыхъæу | |
---|---|
42°50′30″ с. ш. 44°18′43″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↗66[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86731 |
Посты индекстæ | 363210 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
1854-æм азы ам уыдис 22 хæдзары æмæ 242 цæрæджы. Хъæуы цæрджытæ фыццагдæр кодтой æмæ ныр дæр кæнынц фосдарыны æмæ цæхæрадæтты куыст. Раджы заманæй ма хъæуы баззадис 6 мæсыджы, 4 зæппадзы, 3 уæлмæрды æмæ 2 кувæндоны.
Сæ иуы æрбынат кодта фæсивæдон центр «Фыранк».
Мыггæгтæ
ивынБарзыхъæуы цардысты Биджелтæ, Гæбуатæ, Гуыриатæ, Гæджынатæ, Джелытæ, Дзодзиатæ, Датъритæ, Парсиатæ, Тохтиатæ, Хæдарцатæ.[3]
Фенддæгтæ
ивынБарзыхъæуы зындгонддæр цыртдзæвæнтæй иу у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфтис, уыцы хæстонты номыл. Цыртдзæвæн æвæрд æрцыдис хъæуы сæрмæ гыццыл обауыл. Скодта йæ скульптор Цорæты Дауырбег. Куырттаты комы цæрджытæй йын уыдис æххусгæнджытæ. Уыдонæй уæлдай æнувыддæрæй бакуыстой Хъуыбадты Джерихан, Гуыриаты Умар æмæ Циппус.[4]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. Ф. 111
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, ф.243.
- ↑ Мырзаганты Мухарбег. Куырттаты ком æмæ курттатæгтæ. Дзæуджыхъæу: «Аланыстон», 2007