Бартикян, Рачья Микаелы фырт
Рачья (кæнæ Грач, Грачья, Рач[3]) Микаелы фырт Бартикян (сом. Հրաչ Միքայելի Բարթիկյան; райгуырдис 1927-æм азы 7 июлы Афинæты, Грекъ — амардис 2011-æм азы 16 августы Ереваны, Сомих) уыд советон æмæ сомихаг ахуыргонд, византинист æмæ сомихзонæг. Сомихы зонæдты академийы Историйы институты астæузаманы хайады сæргълæууæг, профессор, историон зонæдты доктор, академик.
Рачья Микаелы фырт Бартикян | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1927-æм азы 7 июлы[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 2011-æм азы 16 августы (84 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | Астæузаманы Сомих[d][1] |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | историон зонæдты доктор[d][1][2] (1972) |
Ахуырадон ном | академик[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынРачья Бартикян райгуырдис сомихаг бинонтæн 1927-æм азы 7 июлы Гречъы сæйраг сахар Афинæты. Грекъаг гимназ каст фæуыны фæстæ 1946-æм азы йæ ныййарджытимæ ссыди советон Сомихмæ, сæ сомих равзæрдмæ гæсгæ.
1953-æм азы æнтыстджынæй каст фæци Ереваны университеты историон факультет. Фондз азы фæстæ 1958-æм азы кандидаты диссертаци бахъахъхъæдта павликианаг змæлды тыххæй (чиныгæй рацыд 1961-æм азы). 1972-æм азы сси историон зонæдты доктор, йæ докторы диссертаци уыдис византиаг эпосы тыххæй æмæ уый куыд ахсджиаг у сомихзонæнмæ. 1980-æм азæй куыста Сомихы Историйы институты хайады сæргълæууæгæй[3].
Бартикяны куыстытæн сæ фылдæр хай у Византи æмæ сомихаг адæмы астæузаманы историйы тыххæй, стæй та сомихаг-византиаг ахастдзинæдты тыххæй.
Йæ цалдæр уацты радзуры павликианаг æмæ тондракиаг змæлдты тыххæй, йæ иннæ цымыдис у сомихаг-византиаг аргъуаны ахастдзинæдтæ X-XII æнусты.
Стыр бавæрæн бахаста Бартикян Византийы истори иртасæнтæм, Прокопи Кесариаг, Иоанн Скилицæ æмæ иннæ рагон авторты комментиргонд тæлмацтæ куы бацæттæ кодта, уæд[3].
Кадджын нæмттæ
ивынКуыстытæ
ивынБартикян ныффыста 300 зонадон куыстæй фылдæр уырыссаг, сомихаг, грекъаг æмæ иннæ æвзæгтыл, уыдонæй 12 монографийы.[3]
- Армяно-византийские исследования (в двух томах). Ер., 2002
- Византийская аристократическая семья Гаврасов (на греческом яз.). Афины, 1993.
- Византия в армянских источниках (на греческом яз.). Салоники, 1981.
- Заметки o византийском эпoce o Дигениce Aкритe. Византийский временник, т. 25, 1964
- Неизвестная армянская аристократическая фамилия на службе в Византии в IX—XI вв. // День, 1992. — Вып. 26: Византия и средневековый Крым. — стр. 83-91.
- Источники изучения павликианского движения. Ер., 1961.
- Эллинизм и Армения (на греческом яз.). Афины, 1991.
- «La généalogie du Magistros Bagarat, Catépan de l’Orient, et des Kékauménos.» Revue des Études Arméniennes. NS 2, 1965. (French)
- «L’enoikion à Byzance et dans la capitale des Bagratides, Ani, à l'époque de la domination byzantine (1045—1064).» Revue des Études Arméniennes. NS 6, 1969. (French)
- «Հայաստանի նվաճումը Բյուզանդական կայսրության կողմից» («The Byzantine Conquest of Armenia»). Patma-Banasirakan Handes. № 2 (49), 1970. (Armenian)
- Hellenismos kai Armenia. Athens: Hidryma Goulandre-Chorn, 1991. (Greek)
- Armenia and Armenians in the Byzantine Epic, in Digenes Akrites: New Approaches to Byzantine Heroic Poetry (Centre for Hellenic Studies, Kings College London). David Ricks (ed.) Brookfield, Vt.: Variorum, 1993 ISBN 0-86078-395-2
- Պարթենիոս Աթենացու Պաղեստինի Կեսարիայի մետրոպոլիտի պատմություն հունաց և հայոց տարաձայնության (The History of the Controversy between Greeks and Armenians written by the Metropolitan of Caesarea of Palestine, Parthenios of Athens). Yerevan: Yerevan State University Press, 2005. (Armenian)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 1,4 1,5 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. Խուդավերդյան — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
- ↑ Հայկական համառոտ հանրագիտարան (сом.) — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1990.
- ↑ 3,0 3,1 3,2 3,3 Православная энциклопедия // Бартикян