Берчъысатæ[1] кæнæ Беркъисатæ[1] (уырыс. Беркисаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Берчъысатæ цардысты Хæнæзы. Берчъысатæй рацыд Тагъатæ æмæ Къабиртæ. Ацы мыггæгтæ алыгъдысты Дзинагъамæ, фæстæдæр Къабиртæ Мæздæгмæ алыгъдысты.

Мыггаг равзæрд Асыйы хохаг хъæуы цæрæг Беркъисы номæй. Беркъис уыд давæг лæг, давта бæхрæгъæуттæ, фос, мулк Асыйы, Кæсæджы, Дагъыстаны, Цæцæн-Мæхъхъæлы бæстæты. Давæггæгтæ та уæй кодта Гуырдзы æмæ Дыгуры кæмтты цæрджытæн. Кæй мулк давта, уыдон сфæнд кодтой йе ’рцахсын. Беркъис уый куы фехъуыста, уæд йæхи райста Дыгуры коммæ. Æрцард Урс хохы бæрзæндты иу лæгæты, Толоски, зæгъгæ, уым. Цард цуан кæнынæй. Уæд иу хатт æрхауд Хæнæзы хъæумæ, бауазæг æй кодтой ацы хъæуы цæрæг Дзиндзиты бинонтæ, зæронд лæг æмæ ус, зæнæг сын нæ уыд, æмæ Беркъисы æрцæрын кодтой семæ, кастысты йæм, куыд сæхи фырт. Зæронд ус æмæ лæг халерæйæ амардысты. Беркъис сæ æгъдауæй бавæрдта Хæнæзы хъæуы уæлмæрды, йæхæдæг цæргæйæ баззад Дзиндзиты хæдзары. Уый фæстæ Дзиндзиты мыггаджы кой ничиуал кодта. Ацы хæдзары цæргæйæ Беркъис йæ мыггаг йæхи номæй скодта, æмæ афтæмæй Хæнæзыхъæуы фæзынд Беркъисаты мыггаг.

Йæхи Беркъисатæй равзæргæ чи хоны, уыцы авд мыггагмæ хауынц: Биæстæ, Дзедатæ, Тохъайтæ, Уазæгтæ, Хохойтæ, Цæукъелтæ æмæ Дзоппойтæ (Цъоппойтæ). Ацы мыггæгты фыдæлтæ: Биас, Дзеда, Тохъа, Уазæг, Хохо, Цæукъел æмæ Дзоппо (Цъоппо) уыдысты æфсымæртæ, цардысты Асыйы. Адонæй дыууæ æфсымæры уым фæтуджджын сты æмæ фæлыгъдысты Хуссар Ирыстонмæ, уым куыстой иу хъæздыг кънйазмæ, фæлæ сæ ном, сæ мыггаг никæмæн дзырдтой. Æфсымæртæм сæ зонгæтæ уазæджы номæй дзырдтой, уымæ гæсгæ сæ мыггаг Уазæджы номæй ссис. Кæмæ куыстой, уыцы кънйазæн уыд иунæг чызг Тете. Уый бауарзта Уазæгты æфсымæртæй кæстæры æмæ алыгъдысты Дыгуры коммæ, Дзинагъайы хъæумæ, уырдыгæй та алыгъдысты Хæнæзмæ. Уым сæ бауазæг кодта Беркъис. Рæстæг цыд, уæдмæ Асыйы хъæуы дæр туджджынтæ бафидыдтой. Беркъис Асымæ уазæгуат арвыста Уазæгты лæппуйы. Уым ыл фæцин кодтой йæ хæстæджытæ. Йæ фыды æфсымæртæ æртæйæ йемæ рацыдысты. Хæнæз сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ æрбалыгъдысты Бийас, Тохъа, Хохо, дзæвгар фæстæдæр та Дзедал, Цæукъел æмæ Дзоппо. Хæнæзыхъæуы цæргæйæ ацы æфсымæртæ дæр сæ мыггæгтæ скодтой сæхи нæмттæм гæсгæ æмæ Беркъисатæ æмæ Уазæгтæй уæлдай Хæнæзы фæзындысты мыггæгтæ: Биастæ, Дзедатæ, Тохъайтæ, Хохойтæ, Цæукъилтæ æмæ Цоппойтæ.

Уазæгты хистæртæ сæ мыггаджы фыдæлыл нымайынц Цъæхлæджы. Амæн, дам, йæ ус уыд æлдæртты мыггагæй, райгуырд сын æртæ фырты: Мæхæмæт, Ахмæт æмæ Цако. Адоны цæуæт æмæ цæуæты цæуæт фæстагмæ сбирæ сты æмæ сæ бирæтæ Хæнæзæй быдыры хъæутæм фæлыгъдысты: Сырх Дыгурмæ, Дур-Дурмæ, Сындзыхъæумæ, фæстæдæр та Мæздæджы районмæ Винограднæймæ.

Беркъисатæй равзæргæ мыггаг Тохъайтæй иу Бадилатæй лæг амардта æмæ алыгъд Хъахъхъæдуры хъæумæ. Ацы хъæуы Тохъайтæ сæ мыггаджы ном нæ хъæр кодтой æмæ сæм хъæуккæгтæ дзырдтой дыгурæтты номæй, уæртæ «Дыгурмæ бауай...». Афтæмæй Тохъайты мыггаг Хъахъхъæдуры ссис Дыгур. Тохъайтæн се ’цæг мыггаджы ном ферох кодтой. Уыдонæй кæцы фæлтæртæ равзæрдысты, уыдоны абон дæр хонынц Дыгуры мыггагæй.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.