Бичерахты Федыры фырт Лазæр (1882-æм азы 15 ноябры, Бетъырбух — 1952-æм азы 22 июны, Дорнштадт, Герман) уыдис ирон равзæрды уæрæсейаг æфсадфæтæг, Фыццаг дунеон хæсты æмæ Уæрæсейы мидхæсты æрхайæг.

Бичерахты Лазæр
Райгуырды датæ 15 (27) ноябры 1882
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1952-æм азы 22 июны(1952-06-22)[1] (69 азы)
Мæлæты бынат
Æфсæдты хуыз кавалери[d]
Æфсæддон куысты азтæ 19091919
19441945
Хуындад старшина[d] æмæ инæлар-майор[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Сыгъдæг Владимиры орден Сыгъдæг Аннæйы орден орден Святого Владимира 4-й степени орден Святой Анны 2-й степени с мечами орден Святой Анны 3-й степени с мечами и бантом орден Святого Станислава 3-й степени с мечами и бантом Сыгъдæг Станиславы орден

Цардафыст

ивын

Бичерахты Лазæр райгуырдис 1882-æм азы 15 ноябры, дыгурон равзæрды хъазахъхъаг афицеры бинонты. Каст фæци фыццаг æцæг ахуырдон Бетъырбухы æмæ Алексейаг хæстон ахуырдон Мæскуыйы. Службæ кодта фыццаг Хæххон-Мæздæггаг полчъы (1911-1915). 1915-1918 азты лæггад кодта инæлар Баратовы экспедицион корпусы Персы æмæ уыди Терчы хъазахъхъаг балы сæргълæууæг. Хорзæхджын æрцыд Сыгъдæг Георгийы 4-æм æмæ 3-æм къæпхæны ордентæй, Георгийы хæцæнгарзæй æмæ Сыгъдæг Владимиры 4-æм къæпхæны орденæй æд бант æмæ æхсæргардтæ.

1918-æм азы райдианы Персы сарæзта англисæгтæн лæггад чи кодта, ахæм бал иу мин адæймаджы бæрцæй. 1918-æм азы июлы ацы бал порт Энзелийы фæстæ денджызæй Бакумæ рацыдис æмæ туркаг-азербайджайнаг æфсадæй горæт чи хъæхъхъæдта, уыцы æфсады скондмæ бацыди.

Хайæд иста Бакуйы коммунæйы хицæуады раппæрсты (1918-æм азы 31 июлы) æмæ Центрокаспийы Диктатурæйы хицæуады æрæвæрæны. Уый фæстæ Лазæр снынан уыд æфсæдты сæйрæг командæгæнæгæй. Августы райдийæны Бакумæ рацыдис инæлæр Денстервилы чысыл англисаг бал.

Туркаг-азербайджайнæг æфсæдтæ Бакумæ цæуын куы райдыдтой, уæд Бичерахы-фырт йæ балимæ фæстæмæ Дагъистанмæ ацыдис, æмæ уым райста Дербент æмæ Петровск-Порт (нырыккон Махачкала). 1919-æм азы январы Бичерахы-фырты бал Батуммæ арвыстой æмæ 1919-æм азы апрелы йæ ауагътой. Йе сконд æмæ мулк УХХТ-ы баххæст кæнынмæ арвыстой.

1920-æм азы фæсарæнмæ алыгъдис Стыр Британимæ. 1928-æм азæй цардис Германы.

Амардис 1952-æм азы Дорнштадты, Ульмы цур.

Литературæ

ивын
  • Безугольный А. Ю. Генерал Бичерахов и его Кавказская армия. 1917-1919. — Мæскуы: Центрполиграф, 2011. — (Россия забытая и неизвестная. Золотая коллекция). — 416 с. — ISBN 978-5-227-02536-4.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Library of Congress Authorities (англ.)Library of Congress.