Богъитæ (уырыс. Богиевы, гуырдз. ბოღიშვილი, ბოხიშვილი) сты ирон мыггаг.

Истори

ивын

Мыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Богъитæ равзæрдысты Тасойтæй. Тасойтæй иу лæг, йæ ном Богъи, лæг амардта æмæ уый адыл алыгъд Цæгат Ирмæ, цæмæй йæ йæ туджджынтæ ма ссарой, уый тыххæй. Æрцард Алагиры, йæ мыггаг йæхи номæй раивта. Йæ цотæй бирæтæ алыгъдысты Гуырдзыстонмæ, цæрынц Карелы районы, Окросопелийы, фæлæ сæ мыггаг гуырдзиаг здæхт фыссынц — Богъишвилитæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Тасойты Варяйы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Гаглойты З., Цхинвалы, 1968 азы.

Литературæ

ивын
  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 57.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 47.
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд