Булкъатæ (уырыс. Булкаевы; гуырдз. ბულკაშვილი) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Булкъатæ равзæрдысты Бестауты мыггагæй. Бестаутæ цардысты Гудисы. Уырдыгæй сæ иу, йæ ном Булкъа, алыгъд Къуыдармæ, Хæлиудоны коммæ. Ам æрцард, йæ цæуæтмæ йын дзырдтой йæ номæй — Булкъатæ. Сæ хъæуы ном дæр схуыдтой Булкъатыхъæу. Фæстæдæр Булкъатæ алыгъдысты Къахетмæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 359 ф.
  • Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  • Цхуырбаты З.Д., Дзиццойты Ю.А. Хуссар Ирыстоны топоними. Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн ин-т. - М.: Наукæ, 2013. I-æм том