Буратæ (уырыс. Бураевы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Бураты мыггаг Мидæггаг Уыналæй рацыд. Ныр дæр ма дзы ис Буратыдзуар. Уым сæ тыхджын мыггæгтæ домдтой. Уæд Буратæй иу лæг Захъхъамæ алыгъди. Уым дæр ын уый бæрц бынат нæ уыди æмæ та уырдыгæй дæр алыгъд Дзауы районмæ, Къабузтæм. Уым æрцарди. Пæррæст æмæ Бура æфсымæртæ уыдысты. Буратæ Къабузты куы ’рцардысты, уæд Тотратæ тыхджын мыггаг уыдысты æмæ сæ тыхсын кодтой, æддæмæ ракæсын сæ нæ уагътой. Тотратæй алы фыдыфыртæн дæр уыди мæсыг. Афтæмæй Гоготæ æмæ Огъуатæ сæ мæсгуыты бабадтысты æмæ хæцын байдыдтой кæрæдзиимæ. Гоготæ лæгæй фæцух сты æмæ сæ Огъуатæ æддæмæ ракæсын нал уагътой. Стæй Гогатæ Тотратæй æндæр фыдыфырт Ахлæуы балхæдтой, цæмæй Дауыты амара, фæлæ Дауыт йæхæдæг амардта Ахлæуы.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Бураты Габойы фырт Цыбайы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Цагъаты А., Комгæроны, 1966 азы. Æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, оп. 1, п. 144, д. 394.

Литературæ ивын