Цагъаты Анастасия
Цагъаты Дзаболы чызг Анастасия (райгуырдис 1919-æм азы 14 июлы Задæлесчы — амардис 2009-æм азы 19 январы) уыдис зынгæ иртасæг-лингвист.
Цагъаты Анастасия | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1919-æм азы 14 июлы |
Райгуырæны бынат | Задæлеск |
Мæлæты датæ | 2009-æм азы 19 январы (89 азы) |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | æвзагзонынад |
Цардафыст
ивынЦагъаты Анастасия райгуырдис Задæлесчы, ахуыр кодта Чырыстонхъæуы скъолайы. 1950-æм азы иттæг хорз каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт, 1953-æм азы каст фæцис Тбилисы паддзахадон университеты аспирантурæ — уым йæ ахуыргæнджытæ уыдысты зындгонд иранисттæ, йæ зонадон разамонæг уыдис академик Георгий Ахвледиани.
Йæ диссертаци бахъахъхъæныны фæстæ куыста Цæгат Ирыстоны. Уыдис нормæдæттæг «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы автортæй иу. 1966-æм азæй фæстæ уыдис Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты лингвистикæйы хайады разамонæг. 1971-æм азы рухс федта Цагъаты Анастасияйы монографи Цæгат Ирыстоны топонимийы тыххæй, 1972-æм азы уыцы чиныджы æрмæгыл уый бахъахъхъæдта докторы диссертаци.
1974-æм азы кусын райдыдта Мæскуыйы, Националон скъолаты институты профессорæй, уыцы бынатæй рацыд пенсимæ.
Куыстытæ
ивын- Цагъаты А. Дз. Цæгат Ирыстоны топоними. I хай. Орджоникидзе, 1971
- Цагъаты А. Дз. Цæгат Ирыстоны топоними. II хай. Орджоникидзе, 1975