Стыр Британи
(Великобритани-æй æрвыст)
Стыр Британи (æххæстæй йæ англисаг ном у United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland, ома Стыр Британи æмæ Цæгат Ирландийы Иугонд Къаролад) у сакъадахон европæйаг паддзахад, НАТО-йы уæнг. Йæ сæйраг сахар у Лондон. Дих кæны Англис, Шотланди, Уэльс æмæ Цæгат Ирландийыл.
Стыр Британи æмæ Цæгат Ирландийы Иугонд Къаролад | |||||
---|---|---|---|---|---|
United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland | |||||
| |||||
Девиз: «Dieu et mon droit» «Хуыцау æмæ мæ бар» |
|||||
Гимн: «God Save the King» | |||||
Официалон æвзаг | англисаг | ||||
Сæйраг сахар | Лондон | ||||
Стырдæр сахартæ | Лондон, Бирмингем, Глазго, Манчестер, Эдинбург, Ливерпуль | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Парламентон монархи | ||||
Къарол | Чарльз III | ||||
Премьер-министр | Риши Сунак | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 244 101 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 1,3 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд (2023) | 68 138 484 ад. | ||||
• Сфыст (2011) | 63 182 178 ад. | ||||
• Æнгомад | 270,7 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2010) | 2,247 трлн. долл. | ||||
Валютæ | стерлингты фунт | ||||
Интернет-домен | .uk | ||||
Код ISO | GB | ||||
ÆОК-ы код | GBR | ||||
Телефонон код | +44 | ||||
Сахатон таг | 0 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Цæрджытæ
ивынСтыр Британийы цæрджыты нымæц у 66,2 милуаны бæрц. Стырдæр сахартæ сты Лондон (8,4 млн. ад.), Бирмингем (935 000 ад.), Глазго (654 000 ад.), Шеффилд (500 000 ад.), Ливерпуль (450 000 ад.), Эдинбург (421 000 ад.), Манчестер (398 000 ад.), Белфаст (280 000 ад.). Цæрджыты нымæц рæзы, фæсæрæнттæй кусынмæ чи æрбацæуы, уыцы адæймæгты фæрцы. Стыр Британийы цæрджытæй 4% бæрц у Инди, Пакистан æмæ Бангладешы рацæуæг бинонтæ.