Видины облæст
Видины облæст (болг. Област Видин) у Болгарийы облæст бæстæйы Цæгат-Ныгуылæн регионы. Æмарæн у Серби æмæ Румыниимæ, йæ цæгаты цæуы Дунай — Хуссар Европæйы ахсджиагдæр транспортон фæндæгтæй иу (Рейн — Майн — Дунай). Видин у, Дунайы цыдмæ гæсгæ куы цæуай, Болгарийы фыццаг цæугæдоны порт.
Паддзахад | Болгари |
Статус | Облæст |
Кæй сконды у | Цæгат-Ныгуылæн регион |
Йæ дæлхæйттæ | 11 хъæубæстæйы |
Административон центр | Видин |
Стырдæр сахартæ | Видин, Белоградчик |
Цæрджытæ (2007) |
121 465 (28-æм бынат) |
Æнгомад | 40,0 ад./км² |
Фæзуат | 3033 км² (21-æм бынат) |
Денджызы æмвæзæй уæлдæр - Бæрзæнддæр бынат |
2168 м |
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
Автомобилон код | ВН |
Сайт | Официалон сайт |
![]() | |
![]() |
Видины облæст ахсы фæзуат 3033 км², цæрынц дзы 121 465 адæймаджы. 1960-æм азты фæстæ цæрджыты нымæц кæны къаддæр. Амы адæм лидзынц бæстæйы стырдæр сахартæм — уæлдайдæр Софиямæ. Рæсугъд æмæ сабыр облæст у, æмæ уый тыххæй уымæ дæр æрбацæуынц адæм, сæ фылдæр — ацæргæ пенсиисджытæ. Уымæй рæзы цæрджыты растæмбис кар.
Облæсты бæрзонддæр бынат у Миджуры хох, Сербиимæ арæныл у. Уырдæм сцæуæн и æрмæст арæнгæсты барлæвæрдæй.
Видины облæсты хъæубæстæтæИвын
Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 11 хъæубæстæйыл:
Æддаг æрмæгИвын
- Облæсты администрацийы сайт (болг.), (англ.)