Дунай кæнæ Донай[1][2] у Европæйы дыккаг стырдæр цæугæдон (Волгæйы фæстæ). Æфты Сау денджызмæ (кæс Дунайы дельтæ), афæдз фæхæссы 210 км³ дон.

Дунай
Дунай Будапешты
Дунай Будапешты
Характеристикæ
Дæргъ 2960 км
Бассейны фæзуат 817 000 км²
Бассейн Сау денджыз
Цæугæдоны цыд
Гуырæн Герман
 · Бæрзæнд 678 м
Донæфтæн Сау денджыз
 · Бæрзæнд 0 м
Ран
Паддзахæдтæ Герман Герман,
Австри Австри,
Словаки Словаки,
Венгри Венгри,
Хорвати Хорвати,
Серби Серби,
Болгари Болгари,
Румыни Румыни,
Молдовæ Молдовæ,
Украинæ Украинæ
Дунай (Европæ)
гуырæн
донæфтæн

ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Дунайы былтыл лæууынц бирæ сахартæ, уыдоны ’хсæн Европæйы цыппар паддзахады сæйраг сахартæ: Венæ (Австрийы сæйраг сахар, 1597 мин цæрæджы), Белград (Сербийы сæйраг сахар, 1168 мин), Будапешт (Венгрийы сæйраг сахар, 2016 мин), Братиславæ (Словакийы сæйраг сахар, 425 мин).

Этимологи

ивын

Дунайы нæмттæ сты рум. Dunăre, венг. Duna, нем. Donau, хорв. Dunav, серб. Дунав, Dunav, словак. Dunaj, болг. Дунав, укр. Дунай, лат. Danubius, Danuvius.

Иу теоримæ гæсгæ, Дунайы ном равзæрд скифаг-сæрмæтаг дзырдæй dānu (нырыккон ирон æвзаджы дон). Æндæр теори куыд зæгъы, кельтаг дзырдбаст у: danu «тагъд» æмæ vius «дон».

Наудзыд

ивын

1992-æм азы Германы скуыста ног наудзæуæн къанау Рейн—Дунай. Уыцы рæстæгæй Дунай сси Цæгат денджызæй (порт Роттердам) Сау денджызмæ (порт Сулинæ) наудзæуæн фæндаджы хай. Уымæй фæфылдæр ласт уæргъты бæрцуат.

Зымæг хъарм куы вæййы, уæд Дунайыл ис наутыл цæуæн æнæхъæн азы дæргъы, æндæр азты та — 1—2 мæйы йеддæмæ.

1999-æм азы Дунаймæ ныххаудтой æртæ хиды Сербийы, НАТО-йы бомбардировкæйы аххосæй; уымæй нал уыд науыл бацæуæн. Донвæд уыцы хидты хæйттæй ссыгъдæг чындæуыд æрмæст 2002-æм азмæ.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. В.И. Абаев. Русско-осетинский словарь — Изд. 3-е. Владикавказ: Ир, 2013 — 487 с.
  2. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1989. 15-æм ф.