Миллер, Всеволод Фёдоры фырт

(Всеволод Миллер-æй æрвыст)

Всеволод Фёдоры фырт Миллер (18481913) уыдис зынгæ уырыссаг этнограф, фольклорист, лингвист æмæ археолог. 1897-æм азæй лæууыдис Лазаревты скæсæйнаг æвзæгты институты сæргъы Мæскуыйы.

Всеволод Фёдоры фырт Миллер
уырыс. Всеволод Фёдорович Миллер
Райгуырды датæ 7 (19) апрелы 1848[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 5 (18) ноябры 1913[1] (65 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз æвзагзонынад, этнографи, фольклор[d], санскрит æмæ археологи[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Зонадон разамонæг Фёдор Буслаев[d]
Ахуыргæнинæгтæ Сергей Шамбинаго[d] æмæ Александр Семёнов[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Миллер фондз хатты уыдис Ирыстоны. Уыцы экспедициты фæдыл рауагъта Мæскуыйы æртæтомон куыст «Ирон этюдтæ»:

  • Фыццаг хай, «Осетинские тексты» (1881). Фольклорон тексттæ иронау, уыдоны ’хсæн нарты кадджытæй цалдæр.
  • Дыккаг хай, «Исследования» (1882). Ирон æвзаджы фонетикæ æмæ бæстон грамматикæ. Уымæй уæлдай ирæтты диныл сæрмагонд хай.
  • Æртыккаг хай, «Исследования» (1887). Историон æмæ этнографион иртæст.

Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу, раздæры Советты уынг, хæссы Всеволод Миллеры ном.

Уацмыстæ

ивын

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын