Гæздæнты авд æфсымæры

Гæздæнты авд æфсымæры (уырыс. Семь братьев Газдановых) уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тохгæнджытæ. Авд æфсымæры дæр, Сырх æфсады рæнхъыты хæцгæйæ, хæсты быдыры фæмардысты. Ирыстоны сын стыр кад кæнынц.

Гæздæнты æфсымæртты монумент

Сæ нæмттæ уыдысты: Мæхæмæт, Дзæрæхмæт, Хадзысмел, Махарбег, Созырыхъо, Шамил æмæ Хасанбег.

Мысæн ивын

Сæ райгуырæн Быдыры Дзуарыхъæуы, Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндаджы цур, Гæздæнты æфсымæрты номарынæн амад ис монумент. Монументы ис авд æфсымæры, уæлæрвтæм тæхгæ хърихъуппытæй æвдыст, æмæ, йæ рæбыны, сæ саударæг мад. Цыртдзæвæн амад у Расул Гамзатовы «Хърихъуппытæ» æмдзæвгæмæ гæсгæ. Дзуарыхъæуы сæйраг уынг æмæ æфсымæртæ цы скъолайы ахуыр кодтой, уыдон хæссынц Гæздæнты Авд æфсымæры ном, Гæздæнты æфсымæрты уынг ис Дзæуджыхъæуы дæр. Се скъолайы ма ис мысæн уат авд цухъхъаимæ.

Æддаг æрмæг ивын