Гæуистæ
Равзæрд
ивынАцы мыггаджы хистæртæ сæ фыдæлыл нымайынц Астаны аст фыртæй иу — Гæуисы. Гæуис, дам, йæ фыдæй куы рахицæн ис, уæд Мæхческы хъæуæй йæ цæрæн бынат раивта Мæстинокы хъæумæ. Ам ын райгуырд фырт Зулун. Зулунæн уыд дыууæ фырты: Келемет æмæ Масур. Келеметæн уыд æртæ фырты: Мæрзабег, Цеца æмæ Тотурухъ. Гæуисты мыггаджы равзæрды хабæрттæ фыст æрцыдысты 91-аздзыд Гæуисты Келеметы фырт Ибрихины ныхæстæм гæсгæ.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 72–73.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 59.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 195.