Мæстинокæ
Мæстинокæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Дыгургомы.
Хъæу | |
Мæстинокæ | |
---|---|
42°57′02″ с. ш. 43°48′58″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрæфы район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 0 адæймаджы |
|
Истори
ивынМæстиноки гъæуи бунат æй Айгомуги донæн æ рахес фарс, Хъалнæгъти гъæуæй бæрзонддæр, хонсари, Уорс хонхмæ хæстæг. Паддзахи над æма Айгомуги донæй гъæуи бунат æй дууæ-æртæ километри идарддæр.
Гъæуи арæнтæ: цæгати — Тауитти синхи зæнхитæ, хонсари — Фæснæли тегътæ, хорискæсæни — Уорс хонх æма хорнифтуйæни — Хъалнæгъти гъæу æма Скъодтати зæнхитæ.
Мæстиноки гъæумæ уарун рæстæги æма зумæги бæнтти уæрдун нæ зилдæй, уомæ гæсгæ ба гъæуи цæргутæ сæ алли куститæ дæр кодтонцæ хайуантæбæл кенæ ба фестæгæй — лæги хъаурæй.
Аразæн æрмæг æма сог хастонцæ идардæй, Сау хонхи бæрзæндтæй æма будури Саугъæдæй. Согæй ку батухсионцæ, гъæуи цæргутæ, уæдта æндзарстонцæ сæнарæ.
Гъæуи цæргутæн кæд сæ хумзæнхитæ минкъий адтæнцæ, уæддæр си истонцæ мæнæуæ, хъæбæр хуар æма зæтхæ, уæдта картоф. Сæ фонсæн фагæ хуæруйнаг цæттæ кодтонцæ се ’гуæрдæнти, сæрди дæргъи ба сæ хизтонцæ фонси хезнити Уорс хонхи рæбунти, фæсхонх цæгати æма будури Саугъæди æрдозти. Хумзæнхитæ æма игуæрдæнтæ сæ рагфиддæлтæн зинтæй бафтудæнцæ сæ къохти, берæ сæбæл фæхъхъиамæт кодтонцæ, фал син æнæ еци зæнхитæй цæрæн нæ адтæй, уони фæрци дардтонцæ сæхе.
Мæстиноки гъæуи цæргутæ дæр, куд иннæ гъæути цæргутæ Дигори коми, уотæ æууæндтæнцæ Хуцаубæл, изæдтæбæл, кувтонцæ сæмæ.
Хуцау æма Уасгергий фæсте кадгиндæр изæдбæл цæргутæ нимадтонцæ изæд Уорс Елиай. Алли анз дæр ин æ ном ирдтонцæ сæ еумæйаг ковæндони сæрди мæйи (хуасидайæни).
Сæ фиддæлти æгъдæуттæ нæ иронх кодтонцæ.
Мæстиноки гъæуи цæргутæ хонхи зин цардæн берæ фæббухстæнцæ — мадта син ци кæнгæ адтæй? Фал син хуæздæр æма æнцондæр рауæнти цæруни барæ лæвæрд ку ’рцудæй, уæд сæ гъæу ниууагътонцæ æма фæллигъдæнцæ Иристони горæттæ æма будури гъæутæмæ, сæ еуетæ ба æрлигъдæнцæ медхонхи æндзæри æвæрд гъæутæмæ.[1]
Мыггæгтæ
ивынМæстиноки гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Аркъаутæ, Байтæ, Бесатæ, Гæуистæ, Дзагуртæ, Дзатцетæ, Махъотæ, Мурийтæ, Хæтæгтæ, Хацъæтæ æма Хъойбайтæ.[1][2]