Габысатæ кæнæ Габыстæ[1] (уырыс. Габисовы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Ацы мыггаджы хистæртæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, фыдæй-фыртмæ куыд хъуыстам, уымæ гæсгæ Габысатæ, Гъергинтæ, Бутатæ æмæ Сæлбитæ нымад цæуынц Ос-Бæгъатыры фырт Цъæхилы къабæзтæй равзæргæ мыггæгтыл, цардысты Уæлладжыры комы, Стыр Мызуры. Уырдæм та сæ фыдæл слыгъд Куырттаты комы Кадиты хъæуæй. Уæлладжыры комы сын зæххытæ нал фаг кодтой æмæ лидзын райдыдтой Дыгуры коммæ дæр. Уыдонæй, дам, сæ иу уыд Габыс. Уый æрбалыгъд Гæлиаты хъæумæ. Ам ын фæзынд цæуæт дæр.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, Ф. 199
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.