Уæллаг Мызур у хъæу Цæгат Ирыстоны Уæлладжыры комы, Урсхохы рæбын. Рагон заманы, Мызуры посёлочы (Æрыдоны галиу фарсыл) фæзынды размæ хуындис Мызур. Йæ фарсмæ цы чысыл хъæутæ уыди, уыдонимæ та æмбырдæй — Стыр Мызур. Ис дзы историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ — зæппæдзтæ, мæсгуытæ, 1890 азы арæзт аргъуан.

Хъæу
Уæллаг Мызур
42°51′52″ с. ш. 44°04′26″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Раздæры нæмттæ Мызур
Сахатон таг UTC+3:00
Уæллаг Мызур (Уæрæсе)
Уæллаг Мызур (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Уæллаг Мызуры цы сывæлæттæ цæрынц, ахуырмæ Мызуры посёлокмæ фæцæуынц[1].

Истори

ивын

Æрыдоны доны галиу фарсæй фæндагмæ бæрзонд къæдзæхы сæрæй коммæ æмæ Уæлладжыры бирæ хъæутæм зынынц авдуæладзыгон дыууæ мæсыджы. Уыдон сты Стыр Мызуры цæрджытæ Дзуццатæ æмæ Таматы хъахъхъæнæн мæсгуытæ.

Стыр Мызуры алыварс чысыл кæмтты, уæлвæзты æмæ хæхты рæбынты апырх сты Мызуры æхсæнады хъæутæ: Ксурт, Ногхъæу, Сахæгкатæ, Сулартæ, Гусойтæ, Мызур, Уæллаг хъæу æмæ Дæллаг хъæутæ.[2]

Мыггæгтæ

ивын

Ам, Стыр Мызуры, Мызуры, Уæллаг хъæуы æмæ Дæллаг хъæуты цардысты Сидæмоны, Цъæхилы æмæ Цæразоны къабæзтæ[2]: Зæнджиатæ, Сохитæ, Гæлæутæ, Хацъæтæ, Таматæ, Бутатæ, Къодотæ, Сулартæ, Мæрзойтæ, Габолатæ, Гадзалтæ, Таболтæ, Хохтæ, Саулатæ, Елойтæ, Хæмæтæтæ, Гусойтæ, Дзиуатæ, Быгъуылтæ, Æфсæрæгтæ, Тогызтæ, Хацъæтæ, Багъратæ, Габысатæ, Сæлбитæ, Бицъотæ, Дзуццатæ.[3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ежегодный публичный доклад о результатах деятельности муниципального общеобразовательного учреждения средней общеобразовательной школы пос. Мизур Алагирского района(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  2. 2,0 2,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — 43-44 ф.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 249 ф.

Литературæ

ивын

Æддаг æрмæг

ивын

Къамтæ

ивын
 
Сохиты дур æмæ Хоры-Уациллайы дзуар (ногарæзт)