Гаджитæ (уырыс. Гагиевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Нары хъæуккаг Гаджийы байзæддаг, æрцардысты Сласы, сарæзтой дзы фидар-гæнахъ æмæ хæстон мæсыг тæккæ айнæджы рындзыл. Сласы Гаджитæн дæр фæстагмæ зæхх нал фаг кодта æмæ фыдыфырттæй фæлыгъдысты — сæ иутæ Нардоны галиуварс Горийы æрцардысты, иннæтæ Нардоны рахизфарс, Тибслийы, аннæтæ — Мидæггаг Зруджы, Таугазтыхъæуы æрбынат кодтой. Гаджийы байзæддагæй царди Джинаты комы Уарцъейы хъæуы æмæ Хуссар Иры Джоджорайы доны был Стырмæсыджы дæр. Стыр мæсыджы Гаджитæй иу — Таймаз — æрцард Леты. Уым йæ фырттæ Къора æмæ Хъайсынæй равзæрд мыггæгтæ Къоратæ æмæ Хъайсынтæ. Афтæмæй Къоратæ, Хъайсынтæ, Гаджитæ сты æртæ хицæн мыггаджы, сæ рагон фыдæл ты уыди Хетæг.

Сласы Гаджитæй иу — Исахъхъ — ахицæн йæ фыдыфыртæй, æрцард Цъасымы хъæуы æмæ йæ байзæддаг сæхи хонын байдыдтой Исахътæй. Ныртæккæ Ирыстоны хъæуты, стæй Стъараполы крайы Лабæйы хъæуы цæрæг Исахътæ дæр сты Гаджийы цотæй баззайгæ мыггаг.[1]

Кæс ноджы

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Æрвитæнтæ

ивын