Цъасем у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы хъæу. Ис Туалгомы, Нарыкомы.

Хъæу
Цъасем
42°40′51″ с. ш. 44°01′13″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 363225
Цъасем (Уæрæсе)
Цъасем (Цæгат Ирыстон)

Истори

ивын

Скъолайы фæстæ цæхгæр æрлыг къæдзæхы сæрмæ Цъасемы цардысты Исахътæ, Дзапартæ, Колытæ æмæ Гаджитæ. Сæ хуымы гæппæлтæ — сæ алыварс. Сæрвæттæ — сæ фæстæ. Суг æмæ хосгæрст — дард. Цъасемæй хæрдмæ цæуы къахвæндаг Габатæм, уырдыгæй — Цъесмæ. Ацы чысыл хъæуы цардысты Епхитæ. Ныр дзы цæрæг нал ис. Пайда кодтой Цъесы комы донæй. Сæ цуры уыдис суадæттæ. Сæ фæстæты Лйайы рагъыл Тоборзайæ Гуыркъуымтæм уыдис къахвæндаг. Цъасемæй Семсайы ’хсæн Нары хуссарæй зынынц Бериты хæдзæртты кæлддзæгтæ. Ам цардысты Беритæ æмæ сæ хъæу раджы ныууагътой æдзæрæгæй.[1]

Мыггæгтæ

ивын

Цъасемы цардысты Дзапартæ, Исахътæ, Беритæ.[2]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 112.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 245 ф.