Гибралтары донкъубал

Гибралтары донкъубал (исп. Estrecho de Gibraltar, англ. the Strait of Gibraltar, арабб. مضيق جبل طارق‎‎‎‎, лат. Fretum Gaditanum) у, Пиренейы æрдæгсакъадах æмæ Африкæйы цæгат-ныгуылæйнаг донбылты ’хсæн чи кæлы, уыцы донкъубал; бæтты Зæххастæуы денджыз æмæ Атлантикон фурд.

Гибралтары донкъубал
исп. Estrecho de Gibraltar, англ. the Strait of Gibraltar, арабб. مضيق جبل طارق
Характеристикæ
Уæрх14-45 км
Дæргъ59 км
Стырдæр арф1184 м
Ран
35°58′18″ с. ш. 5°29′09″ з. д.HGЯO
БæттыЗæххастæуы денджыз, Атлантикон фурд
Хицæн кæныПиренейы æрдæгсакъадах, Африкæ 
Бæстæтæ
Испани
Гибралтары донкъубал
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Йæ дæргъ у 65 км, уæрх — 14–44 км, тæккæ арфдæр ран — 1181 метры.

Йæ хæрзвадат географион уавæры руаджы Гибралтары донкъубалæн ис стыр экономикон æмæ стратегион ахадындзинад. Донкъубалы былтыл æрбынат кодтой Испанийы порттæ Сеутæ, Ла-Линеа, Альхесирас, стæй Мароккойы порт Танжер. Ис ам Стыр Британийы эксклав — Гибралтар.

2003-æм азæй фæстæмæ Испани æмæ Марокко иумæ иртасынц донкъубалы бын æфсæнвæндаджы (æмæ/кæнæ автомобилон) тъунел саразыны фарста[1]. Ис егъау хиды проекттæ дæр.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. BBC (англ.)