Гомер (гр. Ὅμηρος) уыдис Рагон Гречъы поэт-кадæггæнæг, уæвæн ис æмæ уый уа «Илиадæ» æмæ «Одиссея»-йы автор.

Гомер
рагон грекъ. Ὅμηρος
Гуырæн ном рагон грекъ. Ὅμηρος
Райгуырды датæ IX æнус нæ эрæйы агъоммæ[1]
Райгуырæны бынат
  • бæрæг нæу
Мæлæты бон VIII æнус нæ эрæйы агъоммæ
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, автор, фыссæг
Жанр эпикон поэмæ[d]
Уацмысты æвзаг рагон грекъаг æвзаг[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гомеры царды тыххæй ницы зонындзинæдтæ ис. Бæрæг у, «Илиадæ» æмæ «Одиссея» фæлдыст æрцыдысты, уым цы цаутыл дзырдæуы, уыдонæй дзæвгар рæстæг куы рацыдис, уæд. Уымæй базонæн ис, Гомер нæ эрæйы агъоммæ XII-VII æнустæй иуы кæй цардис, уый.

Кæм райгуырдис, уый дæр барæг нæу. Йæ райгуырæн сахар сæхи хуыдтой авд сахары: Смирнæ, Хиос, Колофон, Саламин, Родос, Аргос, Афинæтæ. Геродот æмæ Павсаний куыд фыстой, Гомер амардис Иосы сакъадахыл.

Гомеры композицион миниуджытæй иу у хронологион иумæнæфидауынад, ома цаутæ никуы афыссы куыд иу рæстæг æрцæугæ[2].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Bibliothèque nationale de France BnF catalogue général (фр.)Paris: BnF.
  2. Зелинский Ф. Ф. «Закон хронологической несовместимости и композиция Илиады» (в сб. Χαριστήρια. СПб., 1897, стр. 106).