Гуырдзыбетæ
(Гурджибетæ-æй æрвыст)
Гуырдзыбетæ, Гуырдзыбектæ[1], дыгуронау Гурдзибетæ[1], Гурджибетæ[1], Гурдзибектæ[1], Гурджибектæ[1] (уырыс. Гуржибековы, Гурдзибеевы) сты дыгурон мыггаг.
Истори
ивынГуырдзыбетæ раздæр цардысты Дыгургомы Хæнæзы. Сæ фыдæл уыд Седантæй. Седантæн сæ иуæн йæ бинойнаг уыд гуырдзиаг. Лæг раджы амард, баззад ын фырттæ, хъомыл сæ кодта сæ гуырдзиаг мад. Сæ сыхæгтæ сæ хуыдтой гурдзыбетæ — ома, гуырдзиаджы фырттæ, æмæ уырдыгæй рацыд сæ мыггаг Гуырдзыбетæ. Иутæ сæ фыссынц Гуырдзыбегтæ, иннæтæ та — Гуырдзыбетæ.[2]
Фиппаинæгтæ
ивынЛитературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 75–76.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 61.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 91–92.
- Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд