Гутнатæ
Гутнатæ[1][2], вариант — Гутъынатæ[1] (уырыс. Гутновы, гуырдз. გუთნიაშვილი[2]) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
ивынГутынатæ Дзывгъисмæ Уæлладжыры комæй æрбалыгъдысты. Уыдон, дам, уыдысты æртæ æфсымæры: Гутын, Тома æмæ Дзанти. Цуаны цыдысты æмæ Дзанти загъта, æз, дам, цæрæнбæстæ ссардтон æмæ уырдæм лидзын. Афтæмæй уый Дзывгъисæй Хъобанмæ алыгъд. Тома дæр загъта: уæдæ æз дæр ссардтон бæстæ æмæ лидзын. Афтæмæй уый та Къорамæ алыгъд. Гутын та Дзывгъисы цæргæйæ баззад.[1]