Гуыдырты ком
Гуыдырты ком — Ходыхъæумæ хæстæг Урсхохы фахсыл бадæг æвирхъау цæрæгой ирон мифологийы. Йæ уæллаг æфсæр уæларвмæ, йæ дæллаг та дæларвмæ. Ис æм ахæм миниуæг, æмæ æбуалгъ хуызы богъбогъгæнгæйæ йæхимæ æлвасы æмæ йе ’вирхъау дзыхæй ахсы цыфæнды дæр. Сæрды райдайæны æмæ тыллæг æфснайыны рæстæг-иу хæстæг хъæуты цæрæг адæм Гуыдырты комæн лæвæрттæ æрхастой æмæ дзы куырдтой, цæмæй хортæ ихæй ма ныццæгъда.
Гуыдырты ком | |
---|---|
Мифологи | Ирон мифологи |
Тип | мамм |
Æмбаст персонажтæ | Кæфхъуындар |
Кæм цæры | Урсхох (Ходыхъæумæ хæстæг) |
Литературæ
ивын- Дзадзиев А. Б., Этнография и мифология осетин, Владикавказ, 1994, стр. 44, ISBN 5-7534-0537-1