Сырдон
Сырдон у нарты кадджыты хъайтары ном. Сырдон у цыргъзонд, фæлитой адæймаг, алы фыдбылызтæ уый мысы нарты уæздæтты ныхмæ. Эпосмæ гæсгæ Сырдонимæ баст у фæндыры фæзынд.
Сырдон | |
---|---|
Æрд | нæлгоймаг |
Фыд | Гæтæг |
Мад | Дзерассæ |
Сывæллæттæ | Сæлимæт, Къонагæ, Уæрагæ, Фуагæ, Цæй, Рæмбын, Фу, Чикк, Коки |
Сырдон у суадæтты, ома дзыхдоны бардуаг Гæтæджы æмæ Дзерассæйы фырт. Сæвзæрд Дзерассæйы æвæндонæй, Гæтæджы тыхмийæ[1].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.