Арæхдзау у Бедзенæджы фырт.

Йæ æцæг фыд уыд Дæллаг НартæйБорæтæй, йæ мад та Уæллаг НартæйАлæгатæй. Кадæг «Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау»-ы кæсæм: «Дæллаг Нартæн лæппу райгуырди. Уæллаг Нартæн та — чызг. Дыууæ дæр иу æхсæв. Лæппу-иу авдæнæй сбырыди æмæ-иу ноггуырд чызгмæ бахъуызыд æмæ-иу æхсæв-бонмæ йемæ фæци. Уый адыл гыццыл чызгыл йæ авдæнбæттæнтæ нал æххæссыдысты. Дис кодтой, уæдæ нæ чызг цæмæй дæнгæл кæны, зæгъгæ. Уалынмæ чызгæн лæппу райгуырди — йæ коцора сыгъзæрин, ахæм. Сатанамæ фæуадысты: «Нæ чысыл чызг лæппу куы ныййардта». «Быны хъæр уæ рацæуæд! Уый уæ Дæллаг Нартæ куы фехъусой, уæд уæ фæндырты фæцæгъддзысты», — загъта Сатана æмæ сын бацамыдта, сывæллонæй куыд фервæзой, уый. Алæгаты аххæрæджы кæрон ныллыг кодтой, уымæй лагъз сарæзтой æмæ сывæллоны уым нывæрдтой, тæлытæ йыл бакодтой, стæй йæ фурды баппæрстой.

Быдыры кæмдæр царди Бедзенæг-æлдар: уыди æнæзæнæг лæг. Фос æм бирæ уыди, уыдис æм ноджы кæфахсджытæ. Иубон куы уыди, уæд кæфахсджытæ сæмбæлдысты лагъзыл æмæ йæ доны былмæ раппæрстой. Схастой йæ Бедзенæг-æлдармæ. Сæфтыдтой лагъзы сæр æмæ дзы лæппу систой. Æмæ йæ æлдар йæхицæн бахъомыл кодта.

Арæхдзауæй ахæм гуырд рауад, æмæ Нарты хуыздæртыл дæр, Батрадзæй фæстæмæ (кадæг «Хæмыцы фырт Батрадз æмæ Деденæджы (Бедзенæджы) фырт Арæхдзау»), уæлахиз кодта. Фæхæрам сæм уа, уый сæ нæ фæндыд, æмæ йæм дзы уæлдай ныхас ничи кодта. Сослан та у йæ номæвæрæг — афтæ бафæндыд Бедзенæджы. Йæ бæх Уырызмæджы Хъулонæй у тыхджындæр, йæ хæцæнгæрзтæ йын Нарты рагъæнтæй иу дæр нæ уромы, æртонынц сæ. Балæвар ын сæ кодта йе схæссæг фыд Бедзенæг. Бæх у асткъахыг æмæ цыппæрхъусыг. Æмбисонд йæ кард, йæ хъæргæнæг хæстмондагæй цъæх арт уадзы[1].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.