Гуырдзыстоны адæмон кафты ансамбль

Гуырдзыстоны адæмон кафты ансамбль у Гуырдзыстоны хореографион коллектив.

Гандагана кафт

Ансамбль арæзт æрцыд 1945-æм азы Тбилисы.

Ансамблы фыццаг разамонджытæ æмæ йæ солисттæ уыдысты Советон Цæдисы адæмон артисттæ Нинæ Рамишвили æмæ Илья Сухишвили.

Ансамблы репертуары ис Гуырдзыстоны æппæт районты адæмон кæфтытæ æмæ театрализацигонд сюжетон спектакльтæ гуырдзиаг адæмон музыкалон инструменттæй цæгъдтытимæ.

Ансамблы куыстой Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт артисттæ М. Мхеидзе, В. Купарадзе, Г. Сурвиладзе, Н. Лордкипанидзе, Ш. Барамидзе, В. Каландадзе, И. Такайшвили.

Ансамблы репертуары ис ахæм кæфтытæ: «картули» (гуырдз. ქართული), сылгоймæгты кафт «самаиа» (гуырдз. სამაია) æмæ бирæ æндæртæ.

Ансамбль гастрольты уыди бирæ рæтты, куыд Советон Цæдисы афтæ фæсарæнты дæр: Польшæ, Румыни, АИШ, Финлянди, Франц, Чехословаки, Австри, Болгари, Венгри, Дани, Итали, Венесуэлæ, Колумби æмæ Кубæмæ.

Гастрольты ансамбль цæуын райдыдта 1948-æм азы. 1967-æм азы ансамбль æвдыста йæ аивад Миланы театр «Ла Скалайы» сценæйыл.[1] Ацы концерты тыххæй газеттæ афтæ фыстой:

« Гуырдзиаг балеты артисттæ сты æцæг æххæстдзинад. Ай кафт нæ, фæлæ тахт у. Уаддымгæ — сценæйыл! Сæ кафт гравитацийы æгъдæутты коммæ нæ кæсы. Нæлгоймæгты лæджыхъæд æмæ сылгоймæгты грацийы цæдис. Уæлæмæ стæхгæ кафджыты феери. »

1954-æм азы Тенгиз Абуладзе систа фильм «Гуырдзыстоны адæмон кафты ансамбль».

Ныр ансамблæн разамынд дæтты Тенгиз Сухишвили.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 «Сухишвили — Рамишвили»(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 4 мартъийы. Архив 2007-æм азы 19 августы.

Æрвитæнтæ

ивын