Сабиха́ Гёкче́н (тур. Sabiha Gökçen; райгуырдис 1913-æм азы 22 мартъийы, Бурсæ — амардис 2001-æм азы 22 мартъийы, Анкара) уыдис Турчы фыццаг сылгоймаг-тæхæг, дунейы фыццаг сылгоймаг — æфсæддон тæхæг.

Сабиха Гёкчен
тур. Sabiha Gökçen
Райгуырды датæ 1913-æм азы 22 мартъийы(1913-03-22)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2001-æм азы 22 мартъийы(2001-03-22)[2] (88 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Архайды хуыз тæхæг, æфсæддон
Фыд Ататюрк Мустафа Кемаль
Хорзæхтæ æмæ премитæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сабиха уыдис Ататюрчы аст кæнгæ чызгæй иу. 1925-æм азы, чызгыл 12 азы куы цыдис, Ататюрк бæрæг кодта Бурсæйы сахар. Уым базонгæ ис чызджы биографиимæ æмæ, йе ’фсымæры барлæвæрдæй, Сабихайы йæхицæн чызг скодта. Турчы мыггæгты тыххæй закъон йæ тыхы куы бацыдис, уæд Ататюрк йæ чызгæн радта мыггаг Гёкчен (тур. gök «арв»), фæлæ уыцы рæстæг Сабиха хæдтæхджытимæ ницы хуызы баст уыдис.

Мысæн ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 1,2 Deutsche Nationalbibliothek Record #119457695 // Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  2. Bibliothèque nationale de France Sabiha Gökçen // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.