Дæлимонтæ
Дæлимонтæ — хæрам, фыдæх хæссæг тыхты минæвæрттæ сты авд дæлдзæхы цæрæг дæлимонтæй, уæлзæхх цæрæг уæлимонтæм: хæйрæджытæ, зинтæ, уæйгуытæ æмæ ма суанг дауджытæ дæр. Уыдонæй йæхи хъахъхъæны ирон адæймаг, цæмæй йæм ма фæфыдæх уой, ууыл архайы, æмæ сын сæ ном ссары, дауджытæй фæстæмæ иннæтæм кувгæ нæ кæны. Дæлимонтæ цæрынц Авд дæлдзæхы, зинтæ — доны малты, туацъæты, цъымараты; хæйрæджытæ — хæхты цъассыты, æрхыты, хибар рæтты, дауджытæ — уæлзæхх. Иутæн дæр дзы фенæн нæй. Уынынц, дам, сæ гæдытæ, бирæгътæ æмæ дæснытæ, æнкъарынц сæ иуæй-иу цæрæгойтæ, уæлдайдæр — бæхтæ.
Дæлимонты паддзах у Елызбар. Кадæг «Сослан Косеры куыд ракуырдта»-йы йæ хонынц æлдар. Ис ын æртæ чызджы, æмæ æртæйы дæр устытæн хъары Сосланæн. Дæлимонтæн ис æвæджиауы диссаджы бæх Дзындз-Аласа. Нæртон адæм сæм схæссынмæ радтынц сæ байрæгтæ. Хорз бæхтæ сæ рауайы, фæлæ бирæгъæй тынг тæрсынц. Дæлимонтæм ис дыууæ зæронд дзабыры. Уыдон дæ къæхтыл бакъуыр æмæ Хуыцаумæ скув, кæм дæ фестын фæнды, уый тыххæй, æмæ уым фестдзынæ. Уыдоны фæрцы Сослан Авд дæлдзæхæй раирвæзт.
Дæлимонтæ архайынц Нартæн фыд ракæныныл. Уыцы хъуыддаджы сын æххуыс кæнынц зинтæ. Уыдон фæуæлахиз сты Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæгыл æмæ сæ дæлдзæхмæ ахастой. Уыдон Сырдоны ардыдæй амарынц Сосланы бæхы[1].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цгоев Х.Ф. Словарь осетинской мифологии и уклада жизни. — 2 издание, дополненное и исправленное — Владикавказ: СОИГСИ ВНЦ РАН, 2017. — 753 с.