Давид IV Аразæг
Давид IV Аразæг (гуырдз. დავით IV აღმაშენებელი; рагуырд 1073-æм азы — амард 1125-æм азы 24 январы) уыдис иугонд Гуырдзыстоны фæндзæм паддзах 1089—1125 азты, хаудта Багратионты династимæ.
Давид IV Аразæг | |
---|---|
1089 — 1125 | |
Раздæр чи уыд | Георгий II[d] |
Фæстæдæр | Деметре I[d] |
Райгуырдис |
1073 |
Амардис |
1125-æм азы 8 февралы |
Ныгæныны бынат |
|
Гуырæн ном | гуырдз. დავით IV აღმაშენებელი |
Фыд | Георгий II[d] |
Мад | Елена[d] |
Æмкъай | Русудан[d] æмæ Гурандухт[d] |
Сывæллæттæ | Деметре I[d], Тамара[d], Къатъа[d], Зураб[d] æмæ Вахтанг[d] |
Дин | Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d] |
Къухæрфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Давид уыдис, Гуырдзыстоны сыгъзæрин дуг (11-13 æнустæ) кæмæй райдыд, ахæм паддзах, æмæ æрæх йæ нымайынц уыцы дуджы иууыл стырдæр æмæ хуыздæр паддзахыл. Йæ хицауиуæджы рæстæджы бантыстис ын турк-сельджукты йæ бæстæйæ асурын, 1121-æм азы Дидгоры тох куы рамбылдта, уый фæстæ. Йе 'фсады æмæ хицауады реформæты руаджы бантыстис ын паддзахад баиу кæнын æмæ Кавказы стыр хайттæ Гуырдзыстоны бын байсын. Аргъуаны æмбал æмæ чырыстон культурæйы парахатгæнæг кæй уыд, уый охыл Гуырдзиаг растуырнæг еклези йæ чырыстон сыгъдæгыл нымайы.
Давид пысылмæттимæ уыд фæразон, æмæ йæ паддзахады пысылмæттæ фылдæрæй-фылдæр куы кодтой, уыдонæй иуæй-иуты кæй хуыдтой «Мессийæйы кард» (арабб. حسام المسيح) дæр æхцатыл фыст ис.