Дадæгатæ
Истори
ивынМыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Дадæгатæ, Хъалæгатæ æмæ Бадзиатæ хæрз æрвадæлтæ сты. Сæ фыдæлтæ æртæ æфсымæры уыдысты: Дадæг, Хъалæг æмæ Бадзи. Уыдонæй алчидæр йæхæдæг смыггаг кодта. Сæ фыд уыд Цымыти, цард Стыр Дыгуры хъæуы. Бынат йæ зæрдæмæ нæ цыд. Цуаны ацыд æмæ бахауд, ныр Цымыти кæм ис, уырдæм. Бынат цæрынæн йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ ардæм æрлыгъдис.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Дадæгаты Н. Н. ныхæстæй таурæгъ ныффыста Хъазбегты Хъазбег. Таурæгъ æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, п. 88, д. 110.
Литературæ
ивын- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 76.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 62.