Цымыти (Алагиры район)
- Æрыдоны районы хъæуы тыххæй кæс Цымыти (Æрыдоны район).
Цымыти у рагон ирон хъæу Куырттаты комы, Уæллаг Фыййагдонмæ ’ввахс. Ныры рæстаджы дзы дыууæ мыггаджы йеддæмæ ничи цæры. Административон цæстæнгасæй Цымыти хауы Алагиры районы Фыййагдоны хъæууон цæрæнранмæ.
Хъæу | |
Цымыти | |
---|---|
42°50′16″ с. ш. 44°17′27″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↗20[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекстæ | 363212 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Истори
ивынФыстытæм гæсгæ, 1854-æм азы Цымытийы уыдис 53 хæдзары æмæ 434 цæрæджы. Цымыти уыдис Куырттаты комы стырдæр æмæ рæсугъддæр хъæутæй иу. Иннæ хъæуты хуызæн Цымытийы ис бирæ историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ: мæсгуытæ, гæнахтæ, зæппæдзтæ, кувæндæттæ.
Мыггæгтæн сæ фылдæрæн уыдис мæсгуытæ: Габысатæм, Цæгæратæм[кæцæй ист у?], Æгкацатæм, Басатæм, Талханатæм, Гаппуатæм, Елуатæм, Цехъотæм, Мамыхъатæм, Гуымецъатæм, Дзускуатæм æмæ Хъаратæм — фæйнæ иу.
Хъæуы ис дыууæ уæлмæрды, ныр дæр ма æнæхъæн чи у, ахæм зæппæдзтæ. Кувынмæ хъæуы цæрджытæ дзы баззадис, уыдонмæ — Тыхосты, стæй Дзиридзуары кувæндæттæм.[2]
Къамтæ
ивын-
Иван Липовой. Цымыти æмæ Габысаты мæсгуытæ (1890-тæ)
-
Цымытийы уынд
-
Цымытийы мæсгуытæ. Дæлейы фенæн ис Уæллаг Фыййагдоны хæдзæрттæ
Æрвитæнтæ
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Мырзаганты Мухарбег. Куырттаты ком æмæ курттатæгтæ. Дзæуджыхъæу: «Аланыстон», 2007