Дарвин, Чарльз
Чарльз Ро́берт Да́рвин (англ. Charles Robert Darwin [tʃɑrlz ˈdɑrwɪn]; 1809-æм азы 12 февралы — 1882-æм азы 19 апрелы) уыдис англисаг натуралист æмæ бæлццон. Йæ хъуыдытæ æрдзон æвзæрсты тыххæй систы нырыккон эволюцийы синтетикон теорийы бындур.
Чарльз Дарвин | |
---|---|
англ. Charles Robert Darwin | |
Гуырæн ном | англ. Charles Robert Darwin |
Райгуырды датæ | 1809-æм азы 12 февралы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1882-æм азы 19 апрелы[1][2][…] (73 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | биологи, æрдззонæн[d] æмæ зоологи |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | аивæдты бакалавр[d] (1832), магистр искусств[d] (1837) æмæ барады доктор[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Къухфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Дарвин æмæ дин
ивынЧарльз Дарвин рацыд нонкомформистонты æхсæнæй. Кæд æмæ йæ иуæй-иу бинонтæ æргомæй идæудтой традицион дины уырнынæдтæ, сæрæй йæхæдæг дæр нæ дызæрдыггаг кодта Библийы буквалон уацады. Цыдис англикайнаг скъоламæ, фæстæдæр та, Кембриджы, ахуыр кодта англикайнаг теологи, цæмæй пастыр суа, æмæ уыди Уильям Пейлийы телеологикон аргументы фыдуырнæг, кæцымæ гæсгæ, æрдзы зынгæ рæзумон арæзт, бæлвырд кæны Хуыцауы уæвынад. Фæлæ йæ уырнынад райдыдта æнкъуысын фурдбалцы «Биглыл». Дарвин гуырысхойыл æфтыдта ахæм фæлгондзтæ, дисгæнгæ, зæгъæм, арфдоны æвиллон фæлдисондтыл, кæдон-иу ахæм æрфыты цæрынц æмæ сын сæ рæсугъддзинадæй дæр ничи бафсæддзæн; барызтис-иу, куы-иу федта дыдынбындзы сынтъыты æндзыггæнгæйæ, цæмæй сæ фæстæдæр æгасæй йæ быртæн, йæ едзæтæн, бахæрын кæна. Фæстаг дæнцы уыдта æргом ныхмæдзырдтæ Пейлийы ныхæстæм хæрзæгас дунескондыл. «Биглыл» дондзæугæйæ, Дарвин ма ортодоксалон хъуыдытыл хæцæг уыди æмæ йæ бон бæргæ уыди Библийы авторитет моралы фарстаты æрхæссын, фæлæ куыд фæстагæй-фæстагмæ, афтæ райдыдта креацион концепцимæ кæсын куыд мæнгонмæ æмæ æнæууæнкмæ: «… æрцыдтæн уый æмбарынадмæ æмæ Зæронд Фæдзæхст, йæ дунейы историйы тыххæй æргом сайдимæ, йæ Вавилоны мæсыгимæ, арвыронимæ, фæдзæхсты „нысаны“ бæсты æмæ а.д… Нæу индусæгты чингуытæй, кæнæ та исты хъæддаг адæмы уырнынандтæй, фылдæр æууæнчы аккаг».
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Lundy D. R. Charles Robert Darwin // The Peerage (англ.)
- ↑ 2,0 2,1 Charles Darwin // Internet Speculative Fiction Database (англ.) — 1995.
- ↑ http://link.springer.com/content/pdf/10.1007/978-1-4020-5818-9_7.pdf
- ↑ Bedroom where Charles Darwin died to be opened to the public (брит. англ.) — 2016. — ISSN 1756-3224; 1354-4322
- ↑ Oxford Dictionary of National Biography (англ.) / C. Matthew — Oxford: OUP, 2004.
- ↑ Cambridge Alumni Database (англ.) — University of Cambridge.