Дари
Дари (دری [darī]; фарси-кабули, Афгъанистаны персайнаг æвзаг) у афгъайнаг таджикæгты æвзаг. Уыдонæй уæлдай ма йыл дзурынц хазарейтæ, чараймактæ æмæ иуæй-иу æндæр этникон къордтæ. Дари у Афгъанистаны дыууæ паддзахадон æвзагæй иу. Æмбæлы фылдæр бæстæйы цæгатаг æмæ центрон провинциты, Кабулы, стæй Пакистаны æмæ Ираны. Æвзаг у этникон къордты ’хсæн дзурыны фæрæз. Æппæт дзурджыты нымæц у 15 милуан адæймаджы (2006).
Дари | |
---|---|
Хином: | دری darī |
Бæстæтæ: | Афгъанистан |
Æдæппæт дзурджыты нымæц: | 15 млн. |
Классификаци | |
Категори: | Евразийы æвзæгтæ |
Индоевропæйаг æвзæгтæ | |
ISO 639-1: | |
ISO 639-2: | |
ISO 639-3: | prs |
Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ |
Фылдæр специалистты цæстæнгасмæ гæсгæ дари у персайнаг æвзаджы афгъайнаг вариант. Ираны персайнаг æвзагæй дари фылдæр хицæн кæны фонетикæйы (вокализм æмæ æнд.), стæй йын ис хицæндзинæдтæ лексикæйы æмæ грамматикæйы.