Дедегкатæ[1] (уырыс. Дедегкаевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Дедегкатæ æмæ Къеуросты мыггæгты равзæрды тыххæй ис рагон таурæгъ. Уыцы таурæгъмæ гæсгæ, дам, раджы кæддæр Уæлладжыры комæй Дыгургоммæ æрбафтыд иу лæг, йæ ном Тауит (Давид), зæгъгæ. Тауит Дыгуры комы æрцард Къаматы, ус ракуырдта, йæ мыггаг йæхи номæй скодта — Тауиттæй. Йæ фыццаг усæй йын уыд дыууæ фырты: Дедег æмæ Къеурос. Адон куы слæгтæ сты, уæд устытæ æрхастой, рацыд сын цæуæт, сæ мыггæгтæ скодтой сæ нæмттæй: Дедегкатæ, Къеуростæ. Фæстæдæр Дедегкатæ Къаматæй ралыгъдысты Цыколамæ, Къеуростæ та — Чырыстонхъæумæ. Тауиттæ та баззадысты Тауитты сыхы.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.