Адæмты депортацитæ
(Депортацигонд адæмтæ-æй æрвыст)
Адæмты депортацитæ уыдысты Советон Цæдисы националон политикæйы мадзал Сталины хицауады рæстæг. Мæнæ ахæм депортацитæ æрцыдысты (рæстæгмæ гæсгæ):
- 1920-æм азы апрель: 45 мин теркаг хъазахъхъаджы æрвыст æрцыдысты Украинæмæ æмæ Европæйаг Уæрæсейы цæгатмæ. Сæ бынаты æрцæрын кодтой мæхъæлæтты.
- 1930: 18 мин адæймаджы (белоруссаг æмæ украинаг адæмыхаттæй), Советон Цæдисы ныгуылæн арæны хæстæг чи цардысты, уыдонæй æрвыст æрцыдысты Ныгуылæн Сыбырмæ æмæ Дард Скæсæнмæ.
- 1930-1936: кулакты депортацитæ.
- 1933: 200 мин хъазахаджы æххормагæй ацыдысты Китаймæ, Иранмæ, Мангол æмæ Афгъанистанмæ.
- 1935-æм азы февраль-май: 30 мин финнæгты æрвыст æрцыдысты Ленинграды облæстæй Вологдæйы облæстмæ, стæй Сыбырмæ, Таджикистан æмæ Хъазахстанмæ дæр.
- 1935-æм азы февраль-мартъи: 42 мин польшæйаг æмæ немыцаг адæмæй, Украинæйы ныгулæны чи цардысты, æрцæрын кодтой Украинæйы скæсæйнаг районты æмæ Хъазахстаны.
- 1936-æм азы май: 45 мин польшæйаджы æмæ немыцаджы арвыстой Украинæйæ Хъазахстанмæ.
- 1937-æм азы июль: 2 мин курдаджы арвыст æрцыдысты бæстæйы хуссарæй Хъиргъиз æмæ Хъазахстанмæ.
- 1937-æм азы сентябрь—октябрь: Æппæт корейæгтæ (172 мин) арвыст æрцыдысты Ныгулæн Сыбыр æмæ Дард Скæсæнæй Хъазахстан æмæ Узбекистанмæ.
- 1937-æм азы сентябрь—октябрь: 9 мин китайаджы æмæ, сæ райгуырæн бæстæмæ чи раздахтыстысты, уыцы уырыс китайаг Харбинæй цæрынмæ арвыст æрцыдысты Хъазахстан æмæ Узбекистанмæ.
- 1938-æм азы январь: Персаг адæм Азербайджаны арæнтæй ралидзын кодтой Хъазахстанмæ.
- 1938: 6 мин ирайнаг уираджы арвыст æрцыдысты Туркменаг ССР-ы хуссар арæнтæй республикæйы цæгатмæ, æдзæрæг рæттæм.
- 1940-æм азы февраль: Советон Цæдис Польшæйæ цы зæхх райста, уыцы зæххы польшæйаг цæрджытæ (140 мин) арвыст æрцыдысты европæйаг Уæрæсейы цæгатмæ, Урал æмæ Сыбырмæ.
- 1940-æм азы апрель: 61 мин польшæйаджы (цалдæр социалон категорийы) Ныгуылæн Украинæ æмæ Белоруссийæ арвыст æрцыдысты Хъазахстан æмæ Узбекистанмæ.
- 1940-æм азы июнь: Польшæйаг лыгъдæттæ (75 мин) Украинæ æмæ Белоруссийæ арвыст æрцыдысты Уæрæсейы европæйаг цæгатмæ, Урал æмæ Сыбырмæ.
- 1940-æм азы июль: «Фæсарæйнаг адæмы хатты» гоймæгты депортаци Мурмансчы облæстæй Карелаг-Финнаг ССР æмæ Алтайы краймæ.
- 1941-æм азы май: Контрреволюционертæ æмæ националистты мыггæгтæ (æдæппæт 11 мин адæймаджы) ныгуылæн Украинæйæ арвыст æрцыдысты хуссар Хъазахстанмæ, Красноярсчы краймæ, Омсчы æмæ Новосибирсчы облæсттæм.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг депортацигонд æрцыдысты æппæты фылдæр адæм, уыдоны ’хсæн немыцæгтæ (1941), хъæрæсейæгтæ æмæ хъалмыхъхъæгтæ (1943), балхъайрæгтæ, мæхъæлæттæ æмæ цæцæйнæгтæ[1] (1944), грекъаг, туркаг æмæ сомихаг равзæрды иуæй-иу къордтæ æмæ иннæтæ.