Дзагуртæ[1] (уырыс. Дзагуровы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Дзагуырты мыггагæн сæ хистæртæ абон куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, раджы кæддæр Мæстинокы хъæуы цард дыууæ æфсымæры, сæ иу хуынд Асланбег, иннæйы ном нæ хъуыды кæнынц. Æфсымæртæй, дам, сæ иу уыд дæсны æфсæйнаджы куыст кæнынмæ, уыди зæрингуырд. Хъæуы цæрджытæ сæ куы æлхæнгæ кодтой дзыбыры æфсæнтæ, фæрæттæ æмæ æндæр дзауматæ, куы та — кургæ. Сыхæгтæ дæр æмæ хъæуы цæрджытæ дæр куырдоны хæдзармæ лæджы номæй нал дзырдтой, фæлæ сæм дзырдтой дзагуыры номæй (ома, дзагуыр нын ратт, дзагуыр нын рауæй кæн). Цыбыр дзырдæй, æфсымæртæ сæ мыггаг, адæм сæм куыд дзырдтой Дзагуыртæ, зæгъгæ, афтæ ныффыстой.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.