Дзатцетæ (уырыс. Дзатцеевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Дзатцетæ равзæрдысты Мæстинокы хъæуы Туйгъантæй. Дзатце, дам, уыд Туйгъанты кæстæр фырт æмæ, бинонтæ куы ’ркодта, уæд сæм райдыдтой фыды номæй дзурын æмæ сыл сфидар уыцы мыггаг — Дзатцетæ. Дзатцейæн йæ бинойнаг уыд Абисалтæй. Уыд сын дыууæ фырты. Хистæры цæуæтæй чидæртæ Туркмæ алыгъди, кæстæр фырты цæуæтæй бирæтæ цæрынц Мæстинокы хъæуы æмæ æндæр рæтты.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.