Дзоблатæ (уырыс. Дзоблаевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Дзоблатæн фыццаг сæ мыггаг уыд Дзобелатæй, цардысты Гуырдзыстоны. Уым фæтуджджын сты æмæ æртæ æфсымæрæй æрлыгъдысты Цæгат Ирмæ. Ам дыууæ æфсымæрæй æрцардысты Куырттаты комы, æртыккаг æфсымæр та бафтыд Дыгургоммæ æмæ æрцард Доныфарсы, йæ ном хуынд Дзобла. Ам ус ракуырдта, йæ мыггаг скодта йæ номæй — Дзоблатæй. Дзоблатæй бирæтæ алыгъдысты Хæзныдонмæ, Лескенмæ, Цыколамæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.