Дзодзатæ (уырыс. Дзодзаевы) сты дыгурон мыггаг.

Истори ивын

Хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Дзодзатæн сæ фыдæл Доныфарсмæ æрлыгъд Гуырдзыстонæй. Ууыл мыггагæй бирæтæ нæ разы кæнынц, хонынц сæхи рагон алантæй. Таурæгъмæ гæсгæ Дзодзаты фыдæлы ном уыд Кермен. Кермен Доныфарсы хъæуы цæргæйæ ракуырдта къумбултыхъæуккаг Тахъазты чызджы. Уымæй йын райгуырд æртæ фырты: Дзодза, Агко æмæ Хуасдзау. Дзодзайæн уыд дыууæ фырты: Хъуыбады æмæ Хъауырбег. Хуасдзау алыгъд Туркмæ. Дзодзатæн сæ мыггаг рацыд Дзодзайы номæй. Дзодзатæй бирæтæ фæлыгъдысты Лескенмæ æмæ æндæр рæттæм.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 86.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 69.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 227–228.