Къумбултæ
Къумбултæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы.
Хъæу | |
Къумбултæ | |
---|---|
42°59′22″ с. ш. 43°45′18″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрæфы район |
Истори æмæ географи | |
Центры бæрзæнд | 1600 м |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Истори
ивынАци гъæуи географион бунати туххæй финстан нæ æрмæги. Æвæрд æй Донифарси гъæумæ хæстæг æ хонсар-хорнигулæн æрдиги бæрзонди. Ес си рагон мæсуги ихæлддзæгтæ, æ алли фарс ба берæ рагон историон æма архитектурон циртдзæвæнтæ: уобæйттæ, циртитæ æма цæрæн хæдзæртти ихæлддзæгтæ. Дессагдæр ба æй, Къумбултæмæ хæстæг, адæм «Багъайтæ» ке хонунцæ, еци бунат. Фиццаг цæргутæ, дан, Къумбулти гъæуæй раздæр æрцардæнцæ Багъайти. Ами, дам, цардæнцæ нарти адæм дæр. Уомæн бæрæггæнæн бавдесунцæ Багъайти минкъий лигъз æрдозæ: ци дортæ си ес, уони адæм нимайунцæ Нарти нихæсбæл. Ами, дан, рæстæгæй-рæстæгмæ сæ унаффитæ федар кодтонцæ Нарти хестæртæ. Ахургæндтæ Багъайти иссердтонцæ еу цирти зингæй сугъд адæймаги бауæргъæдтæ (æстгутæ æма дзаумæуттæ — хъæппæлтæ). Еци сугъдтити истори абони бæлвурдæй неке ма зонуй. Еуетæ дзорунцæ, зæгъгæ, рагон цæргути фæткæ уотæ адтæй, сæ мæрдтæ содзгæ кодтонцæ, иннетæ ба зæгъунцæ, зæгъгæ, сæ мæрдтæ сугътонцæ æма син сæ фунук æма æвзалу ба æмбарзтонцæ арф къагъди еминæ æма халери незтæй фæййервæзуни туххæй.[1]
Мыггæгтæ
ивынБагъайти фæсте ба Къумбулти гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Батотæ, Боллотæ, Беппотæ, Бичегкутæ, Гæмостæ, Гегкитæ, Дæгуйтæ, Сабайтæ, Сагетæ, Сехъотæ, Таматæ, Тахъазтæ, Хачиртæ, Хъаиртæ æма Цъеутæ.[1]