Дзоттæ (уырыс. Дзотовы) сты дыгурон мыггаг.

Истори ивын

Ацы мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы, Зæрæмæджы Магкæты мыггагæй. Магкæтæй, дам, иу лæг Уæлладжыры комы кæимæдæр фæтуджджын, æмæ уымæ гæсгæ ралыгъд Дыгуры коммæ, Стыр Дыгурмæ. Ам æй Сосрантæ суазæг кодтой, ус ын ракуырдтой, райгуырд ын фырт Сосран. Сосран дæр Сосрантæм слæг, уымæн дæр ус æрхастой. Уый фæстæ уый æд бинонтæ алыгъд Хæнæзы хъæумæ. Райгуырд ын дыууæ фырты — Хъуыбады æмæ Налухъ. Хъуыбадыйæн райгуырд фырт — Тасо. Кæд Тасо Магкæтæй уыд, уæддæр йæ мыггаг аивта Дзоттæй, æвæццæгæн, сæ рагон фыдæлтæй иу æфсымæры ном — Дзот кæй хуынд, уымæ гæсгæ.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 86–87.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 69.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 92–93.