Пысылмон дин

(Ислам-æй æрвыст)

Пысылмон дин[1], дыгур. пусулмон дин (Ислам дæр, арабб. الإسلام‎‎) у дунеон динтæй иу. Чырыстон дин æмæ иудаизмы иумæ пысылмон дин сты авраамон динтæ. Йæ бындурæвæрæг у Хуыцауы пехуымпар Мæхæмæт. Пысылмон дины сыгъдæг чиныг у Хъуыран. Пысылмæттæ хъуамæ æрвылбон фондз хатты кæной ламаз. Цæмæй пысылмон суай, уый тыххæй хъæуы зæгъын шахадæ.

Чырыстон дины Хуыцауы фырт Йесо Чырысти пысылмон дины у пехуымпар.

Цæгат Кавказы адæмты фылдæр хай сты пысылмæттæ.

Мысыры мæзджыт
Пысылмон дины ахæлиу

Пысылмон дин Ирыстоны

ивын

Ирæтты иу хай (уæлдайдæр дыгурæттæ) сты пысылмæттæ, фæлæ уыдоны ’хсæн бирæ сæхи пысылмæттыл нымайынц æрмæст традицимæ гæсгæ: ламаз нæ кæнынц, мæзджытмæ нæ цæуынц. Пысылмон хъæутæ Ирыстоны сты Зилгæ, Елхот, Цыкола, Заманхъул æмæ æндæртæ.[2]

Кæс ноджы

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.
  2. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 4 февралы. Архив 2009-æм азы 24 январы.