Дудгæ
Дудгæ, вариант: дудаг[1], кæнæ хъыцъы[2], дыгур. дзодзæги (лат. Lepidium sativum; уырыс. Кресс-салат) у цæхæрадоны популярон зайæгой, йæ сыфты бон у хæрдмæ метры фылдæр æрзайын. Ацы хæрзад кæрдæг уарзон у алы кары адæймагæн дæр, бирæ культурæты Европæ æмæ Азийы. Базарты тæрхæджытæй дæр уымæн нæ цух кæны сæрдæй-зымæгæй. Хæрынмæ у фæлмæн, донджын. Хæрынц æй салаттимæ, бафтауынц æй дзидза æмæ кæсаджы алыхуызон хæринæгтыл.
Дудгæ | ||||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||||
Домен: Паддзахад: Дæлпаддзахад: Хайад: Кълас: Къорд: Бинонад: Трибæ: Мыггаг: Хуыз: Дудгæ |
||||||||||||||||
Æхсæнадæмон зонадон ном | ||||||||||||||||
Lepidium sativum L., 1753 | ||||||||||||||||
|
Адæмон хосгæнджытæ дудгæйæ пайда кæнынц цинга æмæ туджы низты ныхмæ. Дзæбæх дзы кæнынц сывæллæтты низтæ золотухæ, диатез, хæлмæгтæ. Хæфгæнæг хъæдгæмттæн дзы аразынц сæрдгæ хос царвимæ.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Айларты Измаил. Ирон фарн: Ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ. — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат, 2012 — 392 ф.
- ↑ Техов Ф. Д. Названия растений в осетинском языке. Цхинвали: Издательство «Ирыстон».