Дыгуры зæд, дыгур. Дигори (и)зæд кæнæ Дигори Уасгергидыгуры сæйраг зæдтæй иу.

Адæмы таурæгътæм гæсгæ цæры Задæлескмæ ’ввахс, лæгæты, кæцы нымад цæуы йæ кувæндоныл дæр. Алы аз дæр-иу 15 январы, кувæндоны нывонд æрхæсгæйæ, райдыдтой бæрæгбоны куывдтæ, ахастой-иу æнæхъæн къуыри. Алы хæдзар дæр зæды номыл кодта кусарт — нæлфыс кæнæ уæрыкк æмæ комы бардуагæй куырдта, цæмæй скæна хорджын аз, фос бахиза низтæй æмæ кувæг адæмæн радта фарн æмæ æнæниздзинад.

Литературæ ивын

  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.