Зæнджиаты Бæбу
Зæнджиаты Касайы фырт Бæбу уыдис ирон фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг, ахуырады кусæг.
Зæнджиаты Бæбу | |
---|---|
Райгуырды датæ | 15 (27) январы 1869 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1937 |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Зæнджиаты Бæбу райгуырдис 1869-æм азы Мызуры. Революцийы фæстæ куыста Алагиры фабрикон-заводон астазон скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Уый руаджы баззадысты Алагиры аргъуаны Къостайы конд зæдты нывтæ, аргъуаны сæйраг агъуыст. Уыцы агъуысты Бæбу сарæзта æрдззонæн музей. Равæрдта дзы Ирыстоны хъæддаг цæрæгойты, мæргъты быдыргътæ æмæ зайæгойты хуызтæ — алкæй бынмæ дæр дзы фыст уыд йæ ном ирон æмæ уырыссагау. Уыимæ сæрмагондæй куыста цæрæгойты, мæргъты æмæ зайæгойты ирон нæмтты дзырдуатыл[1].
Зæнджиайы-фырт фыста æмдзæвгæтæ, баснятæ, æмбырд кодта ирон адæмон сфæлдыстад. Аив тæлмац кодта уырыссаг фысджыты уацмыстæ. Уый ратæлмац кодта Лев Толстойы уацаутæ «Хъазахъ» æмæ «Хадзы-Мурат», Максим Горькийы уацымыстæ «Челкаш» æмæ «9-æм январы», А. Неверовы уацау «Ташкент — город хлебный», Дж. Свифты «Гулливеры бæлц». Йæ бирæ æндæр куыстытæ, иртасджыты куыд уырны, фесæфстысты, тæлмацгæнæджы куы æрцахстой оргæнтæ репресситы рæстæг, уæд[2].
Цгъойты Хазбийы хъуыдымæ гæсгæ:
Лев Толстойы уацау „Хаджи-Мурат“ ирон æвзагмæ афтæ хорз раивта, æмæ абоны онг у ирон æвзагмæ аивадон уацмыстæ тæлмацгæнджыты ахуыргæнæн чиныг. Раст цыма ирон æвзагыл фыст æрцыд, афтæ рæсугъд æмæ фæлгонцджынæй йæ сдзурын кодта иронау»[1]. |
Бæбу ма архайдта Цъæйы фæлладуадзæн хæдзæртты арæзтадыл. Сæрмагондæй æхца бакусынмæ ацыдис Сыбырмæ, фæстæмæ куы сыздæхтис, уæд йæхи хардзæй сарæзта хъæдын хæдзæрттæ, балхæдта сынтæджытæ, хуыссæнтæ. Уыимæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодта, тархъæн низтæ куыд дзæбæх кæнгæ сты, уый амонæг чысыл чингуытæ[1].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 Цгъойты Хазби. Намысджын лæджы цардæй фæцард // «Рæстдзинад», №238, 2008 азы 20 декабрь.
- ↑ Дзапарова, Елизавета Борисовна. Художественный перевод в осетинской литературе: проблема адекватности переводных текстов. — ИПЦ СОИГСИ ВНЦ РАН и РСО-А, 2014. — P. 312. — ISBN 978-5-91480-219-3.
Æддаг æрмæг
ивын- Гугкаты Жаннæ. Алагиры аргъуаны къулыл байгом кодтой Зæнджиаты Бæбуйæн номарæн фæйнæг (2011 аз)