Задæлески Нана
Задæлески Нана, ирон диал. Задæлесчы Нана у ирон адæмы цытджын нана, тæтæры ныббырсты рæстæджы сывæллæтты ирвæзынгæнæг[1].
Истори
ивынНанайы таурæгъмæ гæсгæ, алантæ бирæ рæстæджы хъал кæмæй уыдысты, уыцы сæрибардзинад сын фæстагмæ рацыдис стыр фыдбылызмæ. Алы хæстыты чи бахсæст æмæ æгаддзинад сæ сæрмæ чи нæ хаста, уыцы адæм равзæрстой мæлæт цагъары царды бæсты.
1395-æм азы къулых Тимур, йæ бирæнымæцон æфсадимæ ныббырста аланты зæхмæ. Куыд зонæм, афтæ тæтæры разамонæг фыццаджыдæр цагъта, æртасын чи нæ куымдта, уыцы адæмты. Аланты разамонджытæ, кæд хицæнтæй уыдысты хъайтар æмæ æхсарджын, уæддæр уыцы заманты кæрæдзиуыл хорз нал хæцыдысты, алчи йæхи зондæй архайдта. Утæппæт æфсадты ныхмæ та иугай сæ бон уыдис æрмæстдæр тохы быдыры мæлæт ссарын. Афтæмæй Тимур ныццагъдта æгас алайнаг адæмы.
Дыууиссæдз азы фæстæ ма фæндагон историк Иосиф Барбаро фыста, бынæттон адæмы аланты тъæпæны кæй нал федта. Аланты бæстæйæ рауадис заууат тыгъд быдыр, кæцыйы парахатæй фенæн уыдис æрмæстдæр алайнаг обау-ингæнтæ. Адæмæй ма цы армыдзаг аирвæзт, уыдон сæхи бафснайдтой бæрзонд, æвадат хæххон кæмттæ æмæ лæгæтты. Уыцы бæрзæндтыл сарæзтой хъæутæ æмæ уым фæцардысты цалдæр æнусы.
Тимуры ныббырсты заманы хабæрттæ ирон адæмæй рох нæ уыдысты. Лæвæрдтой сæ фыдæй фыртмæ таурæгътæ æмæ зарджыты хуызы. Уыдонæй сæ зындгонддæр у «Задæлесчы Нанайы кадæг». Уыцы иумæ, у адæмы сæфты фæдыл зæрдæрыст хъарæг дæр. Фæлæ йæ сæйраг нысан у мæгуыр сидзæр сывæллæтты ирвæзынгæнæг Нанайæн æнустæм кад скæнын.
Алайнаг сылгоймаг сидзæр сывæллæттæй ма чи аирвæзт, уыдоны æртымбыл кодта, æмæ сæ знæгтæй æмбæхсгæйæ, æхсæвыгæтты акодта хæхбæстæм. Афтæмæй бахызтысты æфцæджы сæрты, æмæ Задæлесчы æрцардысты. Фæхаста сæ кæрдæджытæй æмæ хъæды зайæгойтæй. Куы рахъомыл сты, уæд скодтой бинонтæ, фæцыдысты фæйнæрдæм. Уыдонæй рацыдысты бирæ хъæутæ æмæ мыггæгтæ.
Таурæгъæй скъуыддзаг
ивын
Ку бабун æнцæ Тъæпæн Дигорæ,
|
Задæлесчы Нанайы бæрæгбон
ивынНана адæмæн ахæм уарзон уыд, æмæ, куы амард, уæд ын йæ хæдзарæй скодтой кувæндон. Æмæ уæдæй абонмæ Задæлескы алы аз дæр сусæны мæйы æртыккаг сабаты фæкæнынц йæ бæрæгбон. Куывд цæттæ кæнынц радыгай æртæ хæдзары. Уыцы æртæ хæдзары фæйнæ фысы саккаг кæнынц бæрæгбонмæ, сфыцынц бæгæны, рауадзынц арахъ. Бæрæгбон цæмæй аив, рæсугъд ацæуа, уый тыххæй се ’ппæт хъарутæй дæр бацархайынц. Чызг кæй хæдзары райгуырд, уый кувæндоны акæны кусарт. Бæрæгбоны хистæр ракувы сывæллæтты, рæзинаг фæлтæры цардамонды тыххæй, бафæдзæхсы сæ Нанайыл, цæмæй æнæниз, æнæфыдбылызæй рæзой, царды гуыргъахъ фæндæгтыл макæд фæкæлой. Балцы цæуынмæ чи фæхъавы, уыдон мысайнаг æмæ чъиритæ схæссынц кувæндонмæ, хистæр сылгоймаг скувы, цæмæй амондджын фæндагыл ацæуой, сæ къах дæр макæм бакъуырой, фæстæмæ сæ хæдзæрттыл дзæбæх, æнæнизæй сæмбæлой. Задæлескы Нанайы бæрæгбон фыццаджыдæр баст у сылгоймагимæ, фæкувынц уый амондæн, уый хорзæхæн, йæ хорз фидæнæн.
Цавæр уыдис Задæлесчы Нана, куыд хуындис йæ ном æмæ цы мыггагæй уыдис, уый бæрæг нæу. Фæлæ Задæлески Нана адæмы зæрдæты баззадис æнусмæ.
Фиппаинæгтæ
ивынЛитературæ
ивын- Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.