Сабат
Сабат у къуырийы бонтæй иу, майрæмбон æмæ хуыцаубоны ’хсæн.
Рагон иудейаг традицимæ гæсгæ къуырийы фыццаг бон уыд хуыцаубон, фæстаг та — сабат (æвдæм бон). Библимæ гæсгæ, Синайы хохыл Хуыцау адæмæн бафæдзæхста æхсæз боны кусын, æвдæм бон та фæллад уадзын æмæ Хуыцаумæ кувын.
Дзуттæгтæн æмæ иуæй-иу чырыстон еклезиты уырнджытæн сабаты кусæн нæй.