Зазхæссæн
Зазхæссæн дыгур. Нæзуи хист, дыгур та йæ хонынц Мæрдты бадæнтæ[1] — мæрдæгъдау. Нæлгоймаг мæрдты номыл-иу сарæзтой æмæ срæвдз кодтой æлæм, дугъы-иу уадысты, кодтой æхсæны хист; сылгоймаг мæрдты номыл та цыдысты уæлмæрдтæм, сæ ингæнтыл сын æвæрдтой, раздæр-иу æгъдаумæ гæсгæ цы зазы къалиутæ сфæлындыдтой, уыдон (йæ ном дæр Зазхæссæн уымæн хуыйны).
Иры хæхбæсты заз кæй нæ зайы, уымæ гæсгæ йæ ивтой назæй; дыгурæттæ Зазхæссæн хуыдтой Нæзуи хист. Уырыс Зазхæссæн хонынц «Вербное воскресенье» (донхæрисы хуыцаубон).
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Цыбырты Л. Ирон адæмон бæрæгбонтæ. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 1998 — 256 ф.